Top.Mail.Ru
Беслæны 2-аг бон цæуынц мысæн æмæ хъыггæнæн бонтæ Выпуск 02 сентября 2026 года
Беслæны 2-аг бон цæуынц мысæн æмæ хъыггæнæн бонтæ. Адæм хæссынц дидинджытæ, мыдадзын цырæгътæ, дон æмæ хъазæнтæ. Скъолайы кæрты зæлы æрхæндæг музыкæ. Бирæтæн сæ бон сæ цæссыг уромын нæу. Амынæты уæвджыты ном æрымысынмæ раздæры фыццæгæм скъоламæ æмæ мемориалон уæлмæрдмæ цæуынц сыхаг республикæтæй дæр. Сæдæгай адæмтæ минут æдзæмæй алæугæйæ мысынц теракты амæттæгты рухс ном. Ацы бонты сеппæтæн дæр сæ зæрдæтæ сты Беслæны цæрджытимæ. Культурон-патриотон центр «Беслан. Школа №1»-ы изæры 19 сахаты сывæллæтты сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджыты номыл ссуддзысты цырæгътæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026