Top.Mail.Ru
"Беслæны мадæлты" комитеты уæнгтимæ уыди æрвылазон пресс-конференци Выпуск 02 сентября 2026 года
"Беслæны мадæлты" комитеты уæнгтимæ уыди æрвылазон пресс-конференци. Архайдтой дзы сыхаг республикæтæй æмæ суанг æндæр бæстæтæй уазджытæ дæр. æрдзырдой дзы теракты хъыгдардбаййафджыты социалон æмæ юридикон æххуысыл, сæ реабилитацийы программæйыл. Ассоциацийы минæвæрттæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй раздæрау сæ фæндон у слестгæнæн мадзæлттæм бæстондæрæй æркæсын. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæ куыст у ивгъуыд хъуыдыгæнгæйæ фидæны бахъахъхъæнын. Терроризмы профилактикæйы центры сæйраг хæс у теракты амæттæгты ном сæнусон кæнын. æрмæстдæр амынæты уæвджыты ном нæ ферохгæнгæйæ бахъахъхъæндзыстæм нæхи, уый у комитеты уæнгты хъуыды.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026