Top.Mail.Ru
Æппæтадæмон культурон-патриотон центр "Беслан. Школа №1"-ы кæрты ацыд акци "Номарæн цырагъ" Выпуск 02 сентября 2026 года
Æппæтадæмон культурон-патриотон центр "Беслан. Школа №1"-ы кæрты ацыд акци "Номарæн цырагъ". Республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ се вæрæн бахастой мысæн мадзалмæ. Ссыгътой 334 цырагъы 2004-æм азы теракты цы сабитæ, сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ фæмард сты, уыдоны номыл. Акци у традицион, арæзт æрцæуы алы аз дæр. Цырæгътæ ссудзынц æртæ саударæн боны дæр. Мыдадзын рухсытæ судзынц спортивон залы дæр. Адæм цæуынц æнустæм 1-æм скъолайы чи баззад, уыдоны ном æрымысынмæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026