Top.Mail.Ru
Мамсыраты Дæбейы номыл сывæллæтты республикон библиотекæйы уыд экологон-рухстауæн мадзал 5-æм гимназы ахуырдзаутæн • Выпуск 08 октября 2026 года
Мамсыраты Дæбейы номыл сывæллæтты республикон библиотекæйы уыд экологон-рухстауæн мадзал 5-æм гимназы ахуырдзаутæн. Сарæзта йæ куыстуат «Фæдзæхст Ирыстон-Алани» библиотекæйы зонадон литературæйы хайадимæ. Фембæлд баст уыд цæрæгойты хъахъхъæныны æппæтдунеон бонимæ. Скъоладзаутæн бацæттæ кодтой лекци, тематикон кинонывты равдыст æмæ чысыл сувениртæ. Мадзаларазджытæ куыд загътой, афтæмæй ахæм фембæлдтытæ æххуыс кæнынц сабибонтæй ахуыр кæнын æрдз хъахъхъæнын. æрмæст ацы аз специалисттæ скодтой 27 ахæм мадзалы.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026