Top.Mail.Ru
"Ирон фæндыр"-ы фестивалы фæлгæты Мæздæг бабæрæг кодтой литератортæ, поэттæ, тæлмацгæнджытæ • Выпуск 20 октября 2026 года
"Ирон фæндыр"-ы 3-аг фестивалы фæлгæты Мæздæг бабæрæг кодтой литератортæ, поэттæ, тæлмацгæнджытæ. Уазджытæ уыдысты Уæрæсейы алы регионтæй, стæй, Белоруссийæ, Таджикистанæй æмæ Хуссар Ирыстонæй. Делегаци бабæрæг кодтой Цæгат Кавказы фыццаг фысджыты аллейæ. Александр Грибоедов, Расул Гамзатов, Александр Пушкин, Хетæгкаты Къоста, Лев Толстой æмæ Гуырдзыбеты Блашкайы бюстты цур сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Скъоладзаутæ бакастытсты æмдзæвгæтæ æмæ амынд фысджытæ æмæ поэтты прозæйæ скъуыддзæгтæ. Уый фæстæ, уазджытæ архайдтой Мæздæджы районы администрацийы тематикон фембæлды. Литературон сфæлдыстады райрæзтмæ стыр æвæрæн хæссыны тыххæй дзы цалдæрæй æрцыдысты хорзæхгонд. Фæстæдæр делегаци федта бæстæзонæн музей.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026