Top.Mail.Ru
Хетæгкаты Къостайы мемориалон хæдзар-музейы кусы хуызистыты равдыст «Къоста æмæ йæ алыварслæуджытæ» • Выпуск 20 октября 2026 года
Хетæгкаты Къостайы мемориалон хæдзар-музейы кусы хуызистыты равдыст «Къоста æмæ йæ алыварслæуджытæ». Экспозицийы фенæн ис стæм историон къамтæ, архивон æрмæджытæ, фыстæджытæ. Се ппæт дæр æвдисæг сты, канд поэт кæм царди æмæ куыста, уый нæ, фæлæ ма йæ зæрдæйæн хæстæг чи уыди, уыцы мбæлтты æмæ æмцæдисонты хабæрттæн. Экспозици байгом кæныны фæстæ музейы кусджытæ педагогон колледжы студенттæн радзырдтой Къостайы æмæ йе мбæлтты царды тыххæй. Уазджытæ байхъуыстой поэты фыстæджыты тектстытæм. Уым йе ргом здахы уарзон сылгоймæгтæм, хæлæрттæм, æмкусджытæм. Фыстæджытæ бакастысты Дзæуджыхъæуы 26-æм скъолайы ахуырдзаутæ. Музейы кусджытæ ацы æрмæджытæ нымайынц, аргъ кæмæн нæй, ахæм архивтыл. æрыгон фæлтæрæн фадат дæттынц номдзыд поэты æмæ йæ алыварслæуджыты царды хабæрттæ хуыздæр базонынæн. Зынаргъ экспонаттимæ базонгæ уæвæн уыдзæн мæйы дæргъы.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026