Top.Mail.Ru
Сергей Меняйло Лæгдзинады орден радта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Хъайттаты Батразæн • Выпуск 24 октября 2026 года
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло Лæгдзинады орден радта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Хъайттаты Батразæн. Ахæм стыр хæрзиуæг ын лæвæрд æрцыд, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы йе фсæддон хæс хъæбатырæй кæй æххæст кæны, уый тыххæй. Сергей Меняйло хæстонæн ракодта зæрдиаг арфæтæ, æмæ загъта æцæг хъæбатырдзинады æмæ лæгдзинады ирд дæнцæг кæй у, уый. Йæ зæрдæ йын загъта æнæниздзинад æмæ стыр æнтыстдзинæдтæ. Хъайттаты Батраз 2023-æм азæй фæстæмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы æххæст кæны йæ размæ æвæрд хæстæ. Ис диверсион-сгарæн отряд "Алани"-йы хыгъды.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1058 выпусков
Выпуски
2026