Top.Mail.Ru
"Нырыккон дунейы сылгоймаджы ахадындзинад" - ахæм сæргондимæ конференци арæзт æрцыди национ наукон библиотекæйы • Выпуск 24 октября 2026 года
"Нырыккон дунейы сылгоймаджы ахадындзинад". Ахæм сæргондимæ конференци арæзт æрцыди национ наукон библиотекæйы. Бацæттæ йæ кодта республикæйы пысылмæтты управлени. Стыр æргом дзы здæхт æрцыди ахæм актуалон темæтæм, куыд, сывæллæтты хъомылад, бинонты ахастдзинæдтæ, бинонтæ скæнын, демографийы хъуыддаг. Фембæлды архайджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй царды хæзнатæ фыццаджыдæр ныффидар вæййынц бинонты. Сылгоймагæн аргъ кæнын æмæ сывæллæтты хъомыладыл бæрнондзинад хæссын та  адæймаджы зæрдæйы бавæрын хъæуы æппæты райдианæй. Уыимæ, сывæллоны царды ахсджиаг сты дыууæ ныййарæджы дæр. Æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, ацы фембæлд у ацы фарстаты фæдыл æнæрлæугæ куысты райдиан. Сæйрагдæр фæзилæнтæй иу у, адæмы ргом ацы фарстатæм раздахын, æрмæст ахæм хуызы ис царды хæзнатæ бахъахъхъæнын.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1058 выпусков
Выпуски
2026