Вести. Аланийы хабæрттæ Хетæгкаты Къостайы мæлæн боны ирон аргъуаны пантеон адæмæй уыд дзаг
2 апреля 2024, 12:01
Хетæгкаты Къостайы мæлæн боны ирон аргъуаны пантеон адæмæй уыд дзаг. Æрбацыдысты зындгонд поэты, публицисты, ирон литературæйы æмæ профессионалон нывкæнынады бындурæвæрæджы рухс ном æрымысынмæ. 118 азы размæ, 1906-æм аз 1-æм апрелы Къоста фæхъуыд йæ уарзон адæмы хсæнæй. Йæ ингæны цур ын Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчер Герасим скодта номарæн аргъуыд.