Top.Mail.Ru
Дигорайы сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары арæзт æрцыд ирхæфсæн мадзал Выпуск 03 июня 2026 года
Дигорайы сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары арæзт æрцыд ирхæфсæн мадзал. Кæстæр фæлтæры номыл æй бацæттæ кодта районы ахуырады управлени. Раздæр уал кад кодтой алы олимпиадæты æмæ конкурсты уæлахиздзаутæн æмæ призертæн. Дыгуры районы разамынды номæй сын радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Фæстæдæр уыд бæрæгбоны программæ. Æвзонг артисттæ сценæмæ рацыдысты национ костюмты. Акодтой зарджытæ æмæ алы адæмы хæттыты кæфтытæ. Концерты архайдтой сывæллæтты рæвдауæндæттæ "Дюймовочка", "Карапуз", "Улыбка", "Буратино", "Аленушка"-йы хъомылгæнинæгтæ æмæ сфæлдыстадон коллективтæ. Се ппæтæн дæр байуæрстой кады гæххæттытæ æмæ чингуытæ мадæлон æвзагыл. Мадзалы кæронбæттæн Дигорайы æртæ скъолайы цыппæрæмкъласонтæ баххæст кодтой Фыццæгты Змæлды рæнхъытæ. Районы ахуырады управленийы сæргълæууæг сын радта æвдисæндартæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски