Top.Mail.Ru
Фæлладуадзæн парчы арæзт æрцыд "Георгий уæлахизхæссæджы Кубок" рамбулынæй шахмæттæй турнир Выпуск 03 июня 2026 года
Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы арæзт æрцыд "Георгий уæлахизхæссæджы Кубок" рамбулынæй шахмæттæй турнир. Ерыстæ баиу кодтой алы кары æвзонг шахматистты. Турнир ацыд швейцариаг системæмæ гæсгæ. Финалмæ рацыдысты, уый размæ æвзарæн къæпхæнтæ чи ацыд, ахæм 14 архайæджы. Мадзал аразджытæ - уæрæсейаг-историон æхсæнад, дзæуджыхъæуккаг æмæ алайнаг епархийы æххуысæй. Турнир байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта Цæгат Ирыстоны национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан. Архайджытæн йæ зæрдæ загъта æнтыстдзинæдтæ æмæ уæлахизтæ. Турниры хатдзæгтæм гæсгæ уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхгонд æрцыдысты кубоктæй, майдантæй, кады гæххæттытæй æмæ зынаргъ призтæй. Уымæй уæлдай, алы архайæг дæр турнир аразджытæй райста зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски