Top.Mail.Ru
Абон 80 азы сæххæст уыдаид зындгонд æхсæнадон æмæ политикон архайæг Таболты Солтанбегыл Выпуск 20 июня 2026 года
Абон 80 азы сæххæст уыдаид зындгонд æхсæнадон æмæ политикон архайæг Таболты Солтанбегыл. Кæд бирæ нæ фæцард, уæддæр ныууагъта ирд æмæ зынгæ фæд. Нæ республикæйы Таболты Солтанбег куыста бæрнон бынæтты. Алы азты уыд культурæйы министр, горæты комитеты фыццаг секретарь, Коммунистон партийы облæсты комитеты секретарь. Йæ номимæ баст сты политикон, национ æмæ культурон проекттæ. Уыимæ канд Цæгат Ирыстоны нæ. Ивгъуыд æнусы 90-æм азты райдиан, гуырдзиаг-ирон быцæуы рæстæг, Солтанбег алывæрсыг æххуыс кодта Хуссар Ирыстонæн. Йæ бинойнаг Иринæимæ сарæзтой информацион агентад «Иринформ». Афтæмæй æнæхъæн бæстæйæн фадат радтой уыцы цауты тыххæй рæстдзинад базонынæн. Политикон карьерæ фæуыны фæстæ Таболты Солтанбег æрлæууыд Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты сæргъы. Йæ хъæппæрисæй арæзт æрцыд фыццаг этнографион экспедици «Виа Аланика». Уый æххæст кæнгæйæ, зындгонд ахуыргæндтæ абалц кодтой, кæддæр ирон адæмы рагфыдæлтæ кæуылты цыдысты, уыцы бæстæтæм. Таболты Солтанбеджы цард æнæнхъæлæджы аскъуыд 1993-æм азы фæндаггон фыдбылызы. Йæ номæй схуыдтой Дзæуджыхъæуы æмæ Цхинвалы уынгтæ. æмæ ма ахæм хъусынгæнинаг. Абон канал Россия 24-йыл 21 сахатыл равдисдзысты не сфæлдыстадон къорды программæ "Солтанбек Таболов. Путь Созидателя".
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 970 выпусков
Выпуски