Top.Mail.Ru
Республикæйы дарддæр сыгъдæг кæнынц цæугæдæтты былгæрæттæ Выпуск 03 июля 2026 года
Республикæйы дарддæр сыгъдæг кæнынц цæугæдæтты былгæрæттæ. Уый тыххæй йæ социалон хызты фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц Комгæроны. æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрады специалисттæ ныридæгæн ныссыгъдæг кодтой цæугæдон Ахки-Юрты донвæды 500 метры. Сæрмагонд техникæйæ пайда кæнгæйæ, бафснайдтой змис æмæ хуыры æмхæццæйæ стæй зæронд къалиутæй. Уыцы хуыр нæ акалдзысты, фæлæ дзы базилдзысты хъæуы фæндæгтæм. Профилон ведомствотæн бабар кодтой уавæрмæ æппынæдзухдæр цæст дарын, цæмæй фæндæгтæ донæй хъыгдард ма баййафой. Адæмы æдасдзинад у сæйрагдæр хъуыддаг, загъта республикæйы разамонæг.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски