Top.Mail.Ru
Уалыты Гиви хъуымыхъаг музыкалон-драмон театры сæвæрдзæн, Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ уацмысмæ гæсгæ спектакль Выпуск 04 июля 2026 года
Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон академион театры аивадон разамонæг Уалыты Гиви Дагестаны паддзахадон хъуымыхъаг музыкалон-драмон театры сæвæрдзæн, Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ уацмысмæ гæсгæ спектакль. «Фатимæ»-йы премьерæ фæнд кæнынц равдисын Дзæуджыхъæуы 15-æм октябры – Къостайы райгуырды боны. Уалыты Гиви куыд загъта, афтæмæй 2 театры ныр дыккаг хатт æмгуыстад кæнынц. Раздæр ма æвæрдтой спектакль «Тугæйдзаг чындзæхсæв». Хъуымыхъаг драмон театры директор Мавлет Тулпаровы ныхæстæм гæсгæ, 2 театры хсæн хæлар ахастдзинæдтæн бындур сæвæрдтой хистæр фæлтæры актертæ, æмæ ныр уыцы традици дарддæр хæццæ кæны.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски