Top.Mail.Ru
Йе 30 азы юбилей сбæрæг кодта Дзæуджыхъæуы разамынды институт Выпуск 07 июля 2026 года
Йе 30 азы юбилей сбæрæг кодта Дзæуджыхъæуы разамынды институт. Кадджын мадзалмæ хуынд æрцыдысты хицауады уæнгтæ, республикæйы ахуырады æмæ зонады кусджытæ, институты ветерантæ. Ахуыргæнæндон гом æрцыд 1996-æм азы. Баиу кодта бæстæйы зонады хуыздæр традицитæ æмæ ахуырады нырыккон фæрæзтæ. 30 азмæ рауагъта 5 мины æмæ 5 сæдæ юристы, финанситы æмæ разамонæджы. Кадджын мадзалы регионы Сæргълæууæджы номæй ахуыргæнджытæн радтой Кады гæххæттытæ, цалдæр адæймаджы систы "Республикæйы ахуырады сгуыхт кусджытæ".
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски