Top.Mail.Ru
Дзанайты Барис видеобастдзинады хуызы архайдта туризмы райрæзты фарстаты фæдыл кусæг къорды æмбырды Выпуск 09 июля 2026 года
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис видеобастдзинады хуызы архайдта туризмы райрæзты фарстаты фæдыл кусæг къорды æмбырды. Хуынд æм æрцыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты хицаудзинады оргæнтæ æмæ профилон ведомствæты минæвæрттæ. Фембæлды ныхас цыди ахадгæдæр проекттæ царды уадзынæн Уæрæсейы Президенты хæстæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Ам бæстонæй æрлæууыдысты инвалид адæмæн туристон индустрийы объекттæй æнæкъуылымпыйæ пайда кæныны фарстайыл, стæй сын национ туристон маршруттæ аразыныл. Уымæй уæлдай, æркастысты автомобилон туризмы программæ сфидар кæныны темæмæ. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстон бабæрæг кæнын кæй фæнды, уыцы адæм афæдзæй-афæдзмæ кæнынц фылдæр. 2025-æм азы туристты нымæц ахызти 1 милуан 7 сæдæ адæймагæй. Бирæтæ дзы нæ регионмæ ссыдысты сæхи транспортыл. Уымæ гæсгæ, хъæуы автотуризмы рæзты комплексыл бакусын, цæмæй республикæйы фæндæгтæ туристтæн уой æдас.  Ардæм хауынц инфраструктурæ фæхуыздæр кæнын, туристон объектты цур æрлæууæнтæ аразын, æмæ афтæ дарддæр, - загъта регионы премьер-министр.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски