Top.Mail.Ru
Уæрæсейы хъахъхъæнынады Министрады хуссар æфсæддон зылды хъармгæнæнтæ цæттæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ Выпуск 10 июля 2026 года
Уæрæсейы хъахъхъæнынады Министрады хуссар æфсæддон зылды хъармгæнæнтæ цæттæ кæнынц хъармгæнæн сезонмæ. Дыууæ азы размæ  бындурон цалцæг скодтой 29-æм æфсæддон горæты хъармгæнæны. Баивтой дыууæ тæвдгæнæн аджы. Ацы аз та снысан кодтой поселок Луковскийы объекты бындурон цалцæг. Баивдзысты донцъирæн æмæ æндæр кусæнгæрзтæ. Уымæй дарддæр сцалцæг кæндзысты бæстыхай, баивдзысты йын йæ сæр æмæ разуынд. Бацæттæ ма кодтой æфсæддон госпиталы газæй кусæг модулон хъармгæнæн дæр.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски