Top.Mail.Ru
Дзæуджыхъæуы райдыдта, æвзарæн хайæдты чи кусдзæн, уыцы æхсæнадон цæстдарджыты ахуырад Выпуск 10 июля 2026 года
Дзæуджыхъæуы райдыдта, æвзарæн хайæдты чи кусдзæн, уыцы æхсæнадон цæстдарджыты ахуырад. Ахуыртæ амыдта профессор, Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы уæнг, республикæйы хæдбар æхсæнадон мониторингы штабы уæнг Чеджемты Сергей. Куыд загъта, афтæмæй æхсæнадон цæстдарджыты институт ахадгæйæ кусы бæстæйы, вæййынц æппæт æвзарæн хайæдты æмæ æххæст кæнынц æвзарæн процессы æргомдзинад. Ахуырады рæстæг цæстдарджытæн радзырдтой барты æмæ хæсты, стæй хъæлæс кæныны процессы сконды тыххæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Паддзахадон думæйы депутатты æвзæрстытæ уыдзысты 18-æм, 19-æм æмæ 20-æм сентябры.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски