Top.Mail.Ru
Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæуынц номарæн мадзæлттæ Выпуск 08 августа 2026 года
Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны цæуынц номарæн мадзæлттæ. Баст сты 2008-æм азы августы цаутимæ. Знон изæры Цхинвалы ацыд саударæн мадзал мемориалон комплекс "Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæн"-ы раз. Абон та 9 сахатыл Мады Майрæмы æмæ Сыгъдæг Æртæ дзуары номыл аргъуанты арæзт æрцæудзысты номарæн аргъуыдтæ. 11 сахатыл мемориалтыл сæвæрдзысты дидинджытæ. Абон ма Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуаны, изæры 8 сахаты, арæзт æрцæудзæн традицион акци "Номарæн цырагъ". Республикæйы цæрджытæ, æхсæнадон æмæ фæсивæдон организациты минæвæрттæ сæмбырд уыдызсты, цæмæй радон хатт æрымысой, 2008-æм азы августы уыцы æнамонд фондз боны амæттæгты рухс нæмттæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1010 выпусков
Выпуски