Вести. Ирыстон Бæтæхъойыхъæуы нысан кæнынц сæнæфсир, сойæ, нартхор æмæ мæнæу зайын кæнын
8 августа 2022, 11:06
Бæтæхъойыхъæуы нысан кæнынц сæнæфсир, сойæ, нартхор æмæ мæнæу зайын кæнын. Хъæууонхæдзарадон кооператив райрæзын кæныны проект райста ахадгæ æххуыс. Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд инвестициты советы æмбырд. Куыд дзы фехъусын кодтой, афтæмæй цæттæ продукци æрвитдзысты бæлвырд куыстуæттæм. Фидæны та нысан кæнынц нырыккон кусæнгрæзтæ самал кæнын, сæрмагондæй хи базæ саразынæн.