Top.Mail.Ru
Цæгат Ирыстоны делегаци, йæ сæргъы Сергей Меняйло, афтæмæй архайы Санкт-Петербурджы æппæтадæмон экономикон форумы Выпуск 05 июня 2026 года
Цæгат Ирыстоны делегаци, йæ сæргъы Сергей Меняйло, афтæмæй архайы Санкт-Петербурджы æппæтадæмон экономикон форумы. Егъау мадзал радон хатт баиу кодта уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг бизнесы, паддзахадон структурæты æмæ æппæтадæмон организациты минæвæртты. Форумы сæйраг темæ - "Фидар фидæнмæ фæндаг". Фыццаг бон ныхас цыд Хакасийы Республикæйы экономикон рæзты министр Роман Ковтунимæ. Стыр æргом аздæхтой æмгуыстады фарстатæм, инвестициты æмæ туризмы къабæзты. Сергей Меняйлойы фæткы ма сты цалдæр кусæг фембæлды, æмæ интервью федералон дзыллон информаицйы фæрæзтæн. Ныридæгæн Цæгат Ирыстоны æмгуыстады бадзырдтæ бафыста компани Росагролизингимæ, акционерон æхсæнад "Совкомбанк"-имæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски