Top.Mail.Ru
Евгений Вахтанговы номыл академион Уырыссаг театры арæзт æрцыд чиныджы презентаци Выпуск 05 июня 2026 года
Евгений Вахтанговы номыл академион Уырыссаг театры арæзт æрцыд чиныджы презентаци "В диалоге с собой". Йæ автор у поэт, публицист, Хуссар Ирыстоны Национ музейы директор Зассеты Мераб. æмдзæвгæты æмбырдгонд схуыдта йæ цардвæндаджы арфдæр хъуыдытæй. Ирдæй æвдисы рæстæджы цыд. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ авторæн у йе ртыккаг поэтикон æмбырдгонд. Зассеты Мераб цы темæтыл фыссы, уыдон фæндаг ссарынц алкæйы зæрдæмæ дæр. Презентацимæ æрбацыдысты йе мбæлттæ, æмкусджытæ æмæ йæ курдиатæн аргъгæнджытæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски