Top.Mail.Ru
Сергей Меняйло фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонты уæнгтимæ Выпуск 10 июня 2026 года
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонты уæнгтимæ. Архайдтой ма дзы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы разамонæджы хæдивæг Биасты Игорь, стæй фæллойы æмæ социалон рæзты министры фыццаг хæдивæг Маматы Анджелæ. æркастысты, цы фарстатæ сæ тыхсын кæнынц, уыдонмæ. Республикæйы разамонæг сæм байхъуыста, æмæ бæрнон кусджытæн бабар кодта æппæт хъуыддæгтыл бакусын. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн социалон æххуыс у хицаудзинады оргæнты сæйрагдæр куыст. Комкоммæ фембæлдтытæ та систы традицион, æмæ фадат дæттынц фарстатæ æвæстиатæй лыг кæнынæн.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски