Top.Mail.Ru
Хæрзаудæн армукъа уыд Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 65-æм рæвдауæндоны Выпуск 10 июня 2026 года
Хæрзаудæн армукъа уыд Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 65-æм рæвдауæндоны. Хъомылгæнинæгты, сæ ныййарджыты æмæ педагогты баиу кодта бинонты хъомыладæн æмархайды центр «Саби»-йæн баххуыс кæныны фæндон. Мадзалы нысан ма у рæзгæ фæлтæры базонгæ кæнын Уæрæсейы адæмты хъæздыг культурæимæ. Хæрзаудæн армукъайы уыд национ хæринæгтæй ацаходыны фадат, стæй сувениртæ æмæ сывæллæттæ кæй бацæттæ кодтой, ахæм дзаумæттæ балхæнæн. Уазджытæн цымыдисаг уыдысты традициты, æгъдæутты æмæ национ уæлæдарæсы тыххæй информациимæ стендтæ. Армукъайы цы фæрæзтæ сæмбырд, уыдон арвыстой центр «Саби»-мæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски