Top.Mail.Ru
Цыколайы Уæлахизы парчы территорийы байгом кодтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы йæ хæстон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыцы хъæбатырты аллея Выпуск 10 июня 2026 года
Цыколайы Уæлахизы парчы территорийы байгом кодтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы йæ хæстон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыцы хъæбатырты аллея. 19 гранитон плитайы æрæфы районæй рацæугæ хæстонты портреттимæ. Цыколайы 2-æм скъолайы кадетон къласы ахуырдзаутæ ралæууыдысты кадджын караулы. Хъæбатырты ном æрхъуыды кодтой, минут æдзæмæй алæугæйæ. Импровизацигонд сценæйæ зæлыдысты Фыдыбæстæйы тыххæй æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ. Мадзал саразджытæ сты хъæбатырты наййырджытæ, æрæфы районы администрацийы æмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды регионалон хайады минæвæрттæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски