Top.Mail.Ru
Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд Выпуск 30 июня 2026 года
Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй уыд æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Докладтæ дзы скодтой æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты разамонджытæ æмæ муниципалон скондты сæргълæуджытæ. Республикæйы оперативон уавæры тыххæй радзырдта хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Куыд фехъусын кодта, афтæмæй Уæллаг Ларсы уадзæн пункты уылты ивгъуыд къуырийы рацыд 25 мин машинæйы æмæ 75 мин адæймаджы онг. Дзанайты Барис профилон ведомствотæн бабар кодта дарддæр дæр цæстдарын республикæйы оперативон уавæрмæ. Боныхъæдмæ гæсгæ хъæуы æппæт мадзæлттæ æххæст кæнын, цæмæй адæм нуазыны дон, электрон тых исой æнæ къуылымпытæй. Стæй аварион уавæртæ мæ æвзæрой. Эпидемиологон уавæр у рæстæмбис. Сывæллæтты дзæбæхгæнæн кампани цæуы фæткмæ гæсгæ, æппæт санитарон домæнтæ æххæст кæнгæйæ. Дарддæр куыст цæуы цæугæдæтты донвæдтæ сыгъдæг кæныныл. Экономикон рæзты министрады хъæуы социалон-экономикон рæзты программæйыл бакусын. æмбырды ма премьер-министр стыр æргом аздæхта национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ æххæст кæнынмæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски