Top.Mail.Ru
Цæгат Ирыстон архайдта лæвар юридикон æххуыс кæныны æппæтуæрæсеон боны Выпуск 30 июня 2026 года
Цæгат Ирыстон архайдта лæвар юридикон æххуыс кæныны æппæтуæрæсеон боны. "Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы уыд адæмимæ фембæлд. Консультацитæ сын кодтой горæты администрацийы юристтæ æмæ специалисттæ. Адæм æрбацыдысты алыхуызон лыггæнинаг фарстатимæ. Сæ хыгъды – фæлхасгæнджыты бартæ бахъахъхъæныны, æнæзакъон арæзтадты, алименттæ фидыны фарстатæ æмæ æндæртæ. Фембæлды архайджытæ куыд загътой, афтæмæй ахæм мадзæлттæ æдзух фæаразынц.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски