Top.Mail.Ru
Мæздæджы районы культурæйы Галуаны студенттæн æмæ хистæркъласонтæн арæзт æрцыд ахуырады ресурсон центры специалистты семинар-тренинг Выпуск 08 июля 2026 года
Мæздæджы районы культурæйы Галуаны студенттæн æмæ хистæркъласонтæн арæзт æрцыд ахуырады ресурсон центры специалистты семинар-тренинг.  Командæты уæвгæйæ фæсивæд архайдтой се сфæлдыстадон хъомыс раргом кæныныл. Лæппутæ æмæ чызджытæ æххæст кодтой сæ размæ æвæрд хæстæ. Базонгæ сты психологийы фарстатимæ, стæй кæрæдзиимæ ахастдзинæдты бындуртимæ. Æргом ныхас кодтой тренингтæ амонджытимæ. Ахæм семинартæ-тренингтæ Центры специалисттæ фæаразынц республикæйы районты, цæмæй фæсивæд сæ фæлтæрддзинадыл æфтауой, уый тыххæй. Скæнынц сын алыхуызон анкетæтæ æмæ тестытæ. Фæстæдæр сын баххуыс кæнынц сæ психологон фарстатæ алыг кæнын дæр.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски