Top.Mail.Ru
Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы Министрады цур арæзт æрцыд кусæг къорд. Выпуск 15 июля 2026 года
Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы Министрады цур арæзт æрцыд кусæг къорд. Уый бæрæг кæны артаджы станцæты æргътæ. Кусæг къорды хыгъды сты монополиты ныхмæ службæйы, фæлхасадмæ æмæ техникон цæстдарды управлениты специалисттæ, æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ æмæ нæ регионы æндæр профилон ведомствоты минæвæрттæ. Бæрæггæнæн куыст цæуы, министрад цы мониторинг аразы, уый хатдзæгтæм гæсгæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй цалдæр боны размæ Дзæуджыхъæуы артаджы станцæты æргътæ 92-æм æмæ 95-æм маркæйы бензинæн уыдысты фæйнæхуызон. Кæцыдæрты 95-æм маркæйы аргъ ахызт 90 сомæй иу литрæн. Ныртæккæ станцæтæ бæрæг кæнынц кусæг къорды уæнгтæ. Министрады куыд бафиппайдтой, афтæмæй артаджы базарады æргъты раив-баивæн экономикон æгъдауæй бындур нæй.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски