Top.Mail.Ru
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд терроризмы ныхмæ къамисы æмæ Оперативон штабы æмбырд Выпуск 14 августа 2026 года
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд терроризмы ныхмæ къамисы æмæ Оперативон штабы æмбырд. Видеоконференцийы хуызы дзы архайдтой барадхъахъхъæнæг оргæнты минæвæрттæ, хицауады уæнгтæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы специалисттæ æмæ республикæйы районты разамонджытæ. Ныхас цыд æвзæрстыты, ног ахуыры азы æмæ Беслæны саударæн мадзæлтты агъоммæ терроризмы æмæ экстремизмы фæзындтытæ не руадзыныл. Хъæлæс кæныны иумæйаг бон уыдзæн 18-æмæй - 20-æм сентябры онг. Стыр æргом аздæхтой техникон ифтонгдзинадмæ. Пайда кæндзысты стационарон æмæ къухыдаргæ æфсæйнаг агурæнтæй, стæй видеоцæстдарды системæйæ. Хицæн ныхас цыд æвзарæн участокты æдасдзинадмæ. Уæлæмхасæн мадзæлттæ цæудзысты æхсæвыгон дæр.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1010 выпусков
Выпуски