Вести. Аланийы хабæрттæ
Дзæуджыхъæуы сырддоны баххуыс кодтой дзæбидырæн • Выпуск 24 августа 2023 года
Дзæуджыхъæуы сырддоны баххуыс кодтой дзæбидырæн. Скодтой йын протез. Цæрæгойы сырддонмæ цæфтæй æрбаластой зымæджы. Бахауд къæппæджы, æмæ тынг хъыгдард баййæфта йе нцойгæнæн къах. Сырддоны специалисттæ агуырдтой мадзæлттæ, дзæбидырæн баххуыс кæныны тыххæй.