Top.Mail.Ru
Алыбекты Эллæ бабæрæг кодта Дзæуджыхъæуы 95-æм æмæ 65-æм сывæллæтты рæвдауæндæттæ Выпуск 17 июля 2026 года
Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ бабæрæг кодта Дзæуджыхъæуы 95-æм æмæ 65-æм сывæллæтты рæвдауæндæттæ. Ацы скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндæттæ цы проекттæ бацæттæ кодтой, уыдон систы ныййарджыты æхсæнадты хъæппæристы конкурсы уæлахиздзаутæ. Аразы йæ Уæрæсеаг æхсæнад "Знание", рухстауынады министрады æххуысæй. Алыбекты Эллæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныййарджытæн уый у сæ хъæппæристæ царды рауадзыны фададт, уый та йæхи рдыгæй хорзырдæм фæзындзæн ахуырады системæ фæхæрзхъæддæр кæнынæн. Министр æрзылди æмæ йæхи цæстæй федта рæвдауæндæтты территори, аныхас кодта кусджытимæ, базонгæ сын сæ финансон-хæдзарады архайдимæ. Алыбекты Эллæ куыд загъта, афтæмæй стыр æргом здæхт цæуы сывæллæтты полилингвалон моделы ахуырады рæзтмæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски