Top.Mail.Ru
Программæ "Здравствуй Россия!"-йы 44 архайæджы зонгæ кæнынц Цæгат Ирыстоны традицитимæ Выпуск 17 июля 2026 года
Уæрæсейы æмгуыстады культурон-ахуырадон программæ "Здравствуй Россия!"-йы 44 архайæджы зонгæ кæнынц Цæгат Ирыстоны традицитимæ. 7 боны дæргъы Египты, Тунисы Малайзийы, Францийы, Туркменистаны, Гуырдзыйы, Азербайджаны, Белориссийы, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы æвзонг минæвæрттæ ахуыр кæнынц регионы хъæздыг культурæ æмæ традицитæ. Бацæттæ сын кодтой егъау программæ - экскурситæ, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, равдыстой сын национ æрмдæсныйады сусæгдзинæдтæ æмæ историон зæрдылдарæн бынæттæ. Уымæй уæлдай, фæсарæйнаг уазджытæн радзырдтой Уæрæсейы æмгуыстады программæйы фæлгæты нæ республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуыны гæнæнты тыххæй. Проект «Здравствуй, Россия!» у уникалон фæз, йæ сæйраг нысан - алы бæстæты фæсивæды нæ бæстæйы истори, культурæ æмæ ахуырады системæимæ базонгæ кæнын. Цæгат Ирыстоны культурон-ахуырадон программæ цæуы ныр æртыккаг хатт.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски