Top.Mail.Ru
Мæздæджы, 7-æм скъолайы кæрты байгом Уæрæсейы хъæбатыр Карен Шишкины бюст Выпуск 17 июля 2026 года
Мæздæджы, 7-æм скъолайы кæрты байгом Уæрæсейы хъæбатыр Карен Шишкины бюст. Ахуыргæнæндон хæссы йæ ном. Карен Шишкин уыди Цæгат-Кавказы федералон зылды 693-æм мысанæхсæн полчы æфсæддон. Хъæбатыр æмæ ныфсхастæй йæхи равдыста Цæцæны фыццаг кампанийы хæстон цауты рæстæг. 1995-æм азы фæци уæззау цæф, фæлæ йæ хæстон пост уæддæр нæ ныууагъта, æмæ йæхи цард ратгæйæ фервæзын кодта йæ хæстон хæлæртты. Уыцы хъайтардзинады тыххæй йæ амæлæты фæстæ хорзæхгонд æрцыди Уæрæсейы хъæбатыры кадджын номæй. Бюст байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой Карены хиуæттæ æмæ хæстæджытæ, Цæгат Ирыстоны Парламенты депутат Дыдарты Сослан, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты бинонты организацийы минæвæрттæ,  сæ сæргъы Татьяной Днепровская, горæты æмæ районы администраци, "Хæстон æфсымæрад"-ы уæнгтæ, æфсæддонтæ. Бюсты автор - республикæйы сгуыхт нывгæнæг Хайты Ибрагим. Бюст байгом кодтой хъабыры райгуырæн боны.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски