Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Гобеты Ибрагим схорзæхджын кодта дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты, Паддзахадон думæмæ æвзæрстыты рæстæг зæрдиагæй кæй бакуыстой, уый тыххæй • Выпуск 17 октября 2026 года
Республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим схорзæхджын кодта дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты, Паддзахадон думæмæ æвзæрстыты рæстæг зæрдиагæй кæй бакуыстой, уый тыххæй. Хицауады Хæдзары æмбырдтæ аразæн залы фембæлдысты Цæгат Ирыстоны телеуынынады, радиойы, мыхуыры æмæ информацион порталты кусджытæ, стæй паддзахадон, муниципалон, ахуырадон æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Мадзалмæ æрбахуыдтой республикæйы æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæйы. Журналисттæн кадджын уавæры радтой кады гæххæттытæ, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй. Уыимæ сын загътой арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ, се нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй. Куыд зонут, афтæмæй Паддзахадон думæмæ æвзæрстытæ цыдысты 18-æм, 19-æм æмæ 20-æм сентябры. Гобеты Ибрагим куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ, журналистты куысты фæрцы адæм уыдтой, æвзарæн процесс æргом æмæ закъонмæ гæсгæ кæй ацыд, уый. Хицæнæй æрлæууыд, Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты рæстæг журналистты информацион куыстыл.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026