Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло видеоконференцийы хуызы архайдта форум-съезд «Деловая Россия»-йы • Выпуск 17 октября 2026 года
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло видеоконференцийы хуызы архайдта форум-съезд «Деловая Россия»-йы. Амыдта йæ Владимир Путин. Уæрæсейы Президент фæнысан кодта, форумы цы фарстатæ систой, уыдоны ахсджиагдзинад. Уæлдай ахадгæ сты амалхъом адæмæн. Фадат сын дæттынц сæ кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæнынæн. Стыр æргом аздæхтой нæ бæстæйы экономикæмæ. Владимир Путин ма арфæтæ ракодта Уæрæсейы амалхъомдзинады æхсæнады уæнгтæн, стæй бафтыдта, 25 азы размæ кæй райдыдта "Амалхъом Уæрæсе"-йы истори. Абон та сси нæ бæстæйы раззагдæр æмæ ахадгæдæр бизнес-æхсæнадтæй иу.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026