Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Къостайы кадæн Дзæуджыхъæуы ацыд музыкалон-поэтикон изæр • Выпуск 17 октября 2026 года
Къостайы кадæн Дзæуджыхъæуы ацыд музыкалон-поэтикон изæр. Махъоты Ацæмæзы разамындæй паддзахадон филармонийы камерон оркестр ацагъта балладæ "Сидзæргæс". Национ инструментты оркестр "Ирыстон" дæр йæ равдысты бындуры сæвæрдта ацы æнæмæлгæ уацмыс, æмæ йæ раивта нотæтæм. Афтæмæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармони бацархайдта ирон литературæйы бындурæвæрæг, драматург æмæ поэт Хетæгкаты Къостайы райгуырды 167-æм азы бон бæрæг кæныны мадзæлтты.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026