Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Мæздæджы куырмыты æхсæнады арæзт æрцыд æрвылазон традицион турнир шашкæтæй • Выпуск 17 октября 2026 года
Мæздæджы куырмыты æхсæнады арæзт æрцыд æрвылазон традицион турнир шашкæтæй. Сылгоймæгтæ æмæ нæдлгоймæгтæ сæхи фæлвæрдтой сæ уарзон хъазты. Сæ фарс рахæцынмæ та æрбацыдысты се мбæлттæ, зонгæтæ æмæ хæстæджытæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ шашкæтæ хорзырдæм ахадынц адæймаджы психологон эмоционалон уавæрыл, стæй ма æххуыс кæнынц логикон хъуыдыкæнынадæн. Куырмыты æхсæнады уæнгтæ равдыстой иттæг хорз цæттæдзинад. Афтæмæй сбæрæг кодтой уæлахиздзауты дæр. Хуыздæр спортсментæн æмæ ерысты архайджытæн раарфæ кодта Мæздæджы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Людмила Пугачева. Се ппæтæн дæр ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026