Вести. Аланийы хабæрттæ Сергей Меняйло архайдта æхсæнад "Знание"-йы регионалон хайады цæстдарæн советы æмбырды
21 февраля 2026, 10:35
Сергей Меняйло архайдта æхсæнад "Знание"-йы регионалон хайады цæстдарæн советы æмбырды. Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй организаци æххæст кæны ахсджиаг хæстæ. Фыццаджыдæр фидар кæны адæмы граждайнаг цæстæнгас. Уыимæ кæны рухстауæн, хъомыладон æмæ патриотон архайд. Уый та ныртæккæйы царды уавæрты у æнæмæнг хъæугæ хъуыддаг. Регионы разамонæг ма арфæйы фыстæджытæ радта, æхсæнад "Знание"-йы проекттæ царды уадзынмæ стыр æвæрæн чи хæссы, ахæм 6 адæймагæн.