Вести. Аланийы хабæрттæ Интернеты ирон сегменты фæзынд ног платформæ "Рудзынг"
26 февраля 2026, 10:37
Интернеты ирон сегменты фæзынд ног платформæ "Рудзынг". Хъазты хуызы дзы ахуыр кæнынц ирон æвзаг. Проект у Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студентты æмæ ахуыргæнджыты иумæйаг архайды хатдзæг. Сайтыл ма куыст цæуы, йæ саразджытæ цæттæ сты платформæ фæхуыздæр кæныны фæдыл фæндонтæм æркæсынмæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.