Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы райдыдта Хуссар Федералон зылды ерысты æртыккаг къæпхæн хоккейæ
26 февраля 2026, 10:39
Дзæуджыхъæуы райдыдта Хуссар Федералон зылды ерысты æртыккаг къæпхæн хоккейæ. Архайы дзы 2013-æм азы гуырд фæсивæд. Фыццаг бынатыл ерыс кæнынц Дзæуджыхъæуы, Сочийы, Симферополы æмæ Волгограды командæтæ. Ерысты радон къæпхæнмæ рахиздзысты, фылдæр баллтæ чи æрæмбырд кæна, уыцы клубтæ. Турнир арæзт цæуы Уæрæсейы хоккейы Федерацийы æмæ республикæйы зымæгон спорты хуызты спортивон скъолайы æххуысæй.