Вести. Аланийы хабæрттæ РЦИ-А Сæргълæууæг фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Хуасдзауты Омаримæ æмæ йæ схорзæхджын кодта "Ирыстоны сæраппонд"-ы майданæй
19 марта 2026, 10:28
РЦИ-А Сæргълæууæг фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг, Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы кусæг Хуасдзауты Омаримæ æмæ йæ схорзæхджын кодта "Ирыстоны сæраппонд"-ы майданæй. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй Хуасдзауты Омар администрацийы куыста, афтæмæй бархионæй сфæнд кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ ацæуын.