Вести. Аланийы хабæрттæ Фæсном "Топаз"-имæ хæстон лæг сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы хæстæгдæр кæны уæлахиз, йæ мад та ам, Дзæуджыхъæуы æххуыс кæны, йæ бон цæмæй у, уымæй
19 марта 2026, 10:29
Фæсном "Топаз"-имæ хæстон лæг сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы хæстæгдæр кæны уæлахиз, йæ мад та ам, Дзæуджыхъæуы æххуыс кæны, йæ бон цæмæй у, уымæй. У волонтерты змæлды активондæр архайджытæй иу. Нæ хæстонтæн Цуцаты Зæирæ цæттæ кæны хусгонд хъæрхуыппытæ, акъоппы цырæгътæ, маскировкæгæнæн хызтæн лентытæ. Сылгоймаг йæ алыварс баиу кодта йæ хæстæджыты æмæ хæлæртты.