Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы цæуынц Терчы цæугæдоны донвæд сыгъдæг кæныны мадзæлттæ
19 марта 2026, 10:29
Дзæуджыхъæуы цæуынц Терчы цæугæдоны донвæд сыгъдæг кæныны мадзæлттæ. Куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты Сырхгвардион æмæ Цæнгæт хидты бын, ныр та цæуынц хид Кладкæйы бын. Алкæцы хиды бын дæр донвæд ссыгъдæг кæндзысты фæйнæ 100 метры уæлæрдæм æмæ уыйбæрц дæлæрдæм. Ацы хъуыддаг ахсджиаг у, цæмæй дон æнæ къуылымпыйæ цæуа, æмæ хиды цæджындзтæ ма хæра, уымæн.